Транскамы миты бӕрзӕнд у метрмӕ ӕввахс, трассӕ нырма дӕр у ӕхгӕд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд у дыццӕджы изӕрӕй фӕстӕмӕ, трассӕйы миты бӕрзӕнд хӕццӕ кӕны метры онг, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.
Транскамы фӕндагон змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой дыццӕджы изӕры тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй.
"Ныртӕккӕ трассӕйыл ис митуард, фӕлӕ ахӕм тыхджын нал у", - бафтыдтой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.