Цхинвалы цӕуы фоторавдыст Киевы режимы фыдракӕндты фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны байгом фоторавдыст "Мы обвиняем", уым дзырд цӕуы Киевы режимы фыдракӕндты фӕдыл.
Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы бонӕн нывонд мадзал цӕуы Цхинвалы Театралон фӕзуаты.
Экспозицийы бавдыстой украинӕйаг националисттӕ Белогороды, Курскы, Ростовы ӕмӕ Запорожаг областты цы ӕфсӕддон фыдракӕндты сӕххӕст кодтой, уыдоны къамтӕ.
"Мы обвиняем" у ӕхсӕнадӕмон фотопроект, сарӕзтой йӕ Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, журнал "Уӕрӕсейы ног регионтӕ" ӕмӕ президенты библиотекӕ. Хуссар Ирыстоны фоторавдыст сорганизаци кодтой Уӕрӕсейы минӕварад республикӕйы ӕмӕ Россотрудничество.
Цхинвалы цӕуы фоторавдыст Киевы режимы фыдракӕндты фӕдыл