ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Знауыры районы Бахъаты хъӕуы нӕлгоймаг амард зынгсирвӕзты рӕстӕджы хисӕрмагонд хӕдзары, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Бахъаты хъӕуы зынгсирвӕзты рӕстӕджы амард иу адӕймаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, арт хуыссын кӕныныл архайдтой УУМ сӕрмагонд техникӕйы ӕртӕ иуӕджы. Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ бӕрӕг цӕуынц.