Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 128 украинӕйаг дроны Уӕрӕсейы территорийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 128 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы цыппар регионы территорийыл ӕмӕ Сау ӕмӕ Азоваг денджызты акваториты, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 128 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты: уыдонӕй 83 дроны ӕрыппӕрстой Краснодары крайы территорийы, 30 Хъырымы Республикӕйы, аст Азовы денджызы акваторийы, фондз дроны Сау денджызы акваторийы, фӕйнӕ иу ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты та Брянскы ӕмӕ Курскы областты", - дзырдӕуы министрады хъусинаджы.
Уæрæсейаг æфсæдтæ ссæрибар кодтой Новоселка æмæ Новоочереватое ДАР-ы