ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон богал Уалыты Чермен рамбылдта Хъӕбысхӕсты иугонд дунейы (UWW) ӕхсӕнадӕмон рейтингон турнир Тиранайы (Албани).
Уалыты Чермен ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Албанийы спортивон кад, уый ссис уӕлахиздзау 74 килограммы уӕзы категорийы.
Турниры финалы Уалыты Чермен фембӕлд йе ‘мзӕххон Салхъазанты Таймуразимӕ – уый та архайы Словакийы командӕйы сконды. Финалон тохы уӕлахиздзау ссис Уалыты Чермен 2:0 хыгъдӕй.
Ацы ерыстӕ Уалыты Черменӕн уыдысты фыццаг Парижы Олимпиаг хъӕзтытӕй фӕстӕмӕ, цы ран уый рамбылдта бронзӕйон майдан.
Ноджы ма иу ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Гобаты Артем рамбылдта турниры бронзӕйон майдан 61 килограммы уӕзы категорийы.
Гобаты Артем
© Photo : Объединенный мир борьбы (United World Wrestling)