Цӕгат Иры сӕдӕгай студенттӕ рацӕудзысты практикӕ ахсджиаг объекттыл Уӕрӕсейы регионты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстонӕй 550 студенты бӕрц рацӕудзысты практикӕ Норильск, Волгоград, Пятигорск, Ялта, Севастополь, Анапа ӕмӕ Мӕскуыйы куыстуӕттӕ ӕмӕ ахсджиаг объектты, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Чидӕртӕ уыдзысты студентон къорды сконды, аннӕтӕ та сӕхи бафӕлвардзысты лагерьты къорды хистӕртӕ ӕмӕ фӕндагамонджыты бынаты. Фӕлтӕрддзинадӕй дарддӕр студенттӕн уыдзӕн ӕхца бакусыны фадат дӕр", - ныффыста Меняйло йӕ telegram-каналы.
Фӕсивӕды хъӕуы сахуыр кӕнын ног професситӕ ӕмӕ райсын фӕллойадон зонындзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕйраджыдӕр – базондзысты командӕйы кусын. Республикӕйы сӕргълӕууӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, сӕрыстыр у Ирыстоны фӕсивӕдӕй.