ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Уӕливыхтӕ, фыдызгъӕл, цыхт, ӕндӕр продукттӕ, цардуагон базайрӕгтӕ ӕмӕ компьютерон техникӕ фӕхӕццӕ кодтой Плиты Иссӕйы номыл полкӕн, афтӕ ма батальонтӕн "Алания" ӕмӕ "Сӕрмӕт"-ӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуы мэр Милдзыхты Вячеслав.
"Дзӕуджыхъӕуӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕмӕ фӕндагӕн бахъӕуы 20 сахаты бӕрц. Нӕ коллегӕ Гӕбӕраты Годердзи ныр цыппӕрӕм хатт ацыд йӕ хӕдтулгӕйыл гуманитарон ӕххуысимӕ", - ныффыста мэр йӕ tg-каналы.
Милдзыхты Вячеслав загъта бузныг гуманитарон акцийы хайад чи райста, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.