ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы социалон пенситӕ 1 апрелӕй индексаци скӕндзысты 14,75 проценты бӕрц, ӕмбӕлон скъуыддзаг хаст ӕрцыд федералон бюджетмӕ 2025 азы, хъусын кӕны РИА Новости.
Бюджетмӕ гӕсгӕ, пенситӕ 1 апрелӕй индексаци скӕндзысты 14,75 проценты. Фиддонты хатдзӕгон бӕрцуат хицӕн кӕндзӕн пенсиисджыты категоритӕм гӕсгӕ.
Уый размӕ фӕллойады министрад хъусын кодта, ахӕм индексацийы руаджы кӕй фӕфылдӕр уыдзысты 4,2 милуан адӕймаджы ӕфтиӕгтӕ. Ацы аз мадзалы реализацийӕн рахицӕн кӕндзысты 85 миллиард сомы.