ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Америкӕйы иугонд штаттӕ (АИШ) ӕрурӕдтой ӕппӕт ӕфсӕддон ӕххуыс Украинӕйӕн, цалынмӕ америкӕйаг президент Дональд Трамп ма аскъуыддзаг кӕна, Киевы ӕцӕг кӕй хъӕуы сабыр баныхас, уӕдмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта РИА Новости америкӕйаг ДИФ-тыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Америкӕйы иугонд штаттӕ ӕрурӕдтой ӕппӕт ӕфсӕддон ӕххуыс Украинӕйӕн, цалынмӕ президент Трамп аскъуыддзаг кӕна, украинӕйӕгты ӕцӕг кӕй фӕнды ауадзын сабыр баныхас, уӕдмӕ", - фехъусын кодта Fox News-ы амонӕг Трампы администрацийы минӕвары ныхӕстӕ.
Нысангонд ӕрцыд, ӕфсӕддон ӕххуыс кӕй ӕрурӕдтой рӕстӕгмӕ.