Транскам бакодтой фӕндагон змӕлдӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Транскавказы автомагистраль бакодтой автотрнаспорты змӕлдӕн трассӕ зӕйы фӕтисджытӕй куы ссыгъдӕг кодтой, уый фӕстӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Раздӕр хъусын кодтой, дыццӕджы трассӕ кӕй сӕхгӕдтой Хуссар Ирыстоны фарс Уанел ӕмӕ Бӕгъиаты хъӕуты ӕхсӕн цы зӕйтӕ ӕрцыд, уый тыххӕй.
"Транскамы бакодтой автотранспорты змӕлд", - фехъусын кодтой министрады.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.