Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд суткӕйы дӕргъы скуынӕг кодтой 18 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд суткӕйы дӕргъы скуынӕг кодтой 18 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы ӕхсӕз регионы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады.
"Ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 18 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты: уыдонӕй 10 дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы, ӕртӕ – Воронежы областы территорийыл, дыууӕ – Самарайы областы, фӕйнӕ иу та – Курскы, Белгороды ӕмӕ Астраханы областты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Мæскуыйы скуынæг кодтой исламисты – уый фæнд кодта спырх кæнын метрополитен