ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Дагестаны столицæ, Махачкалайы, контртеррористон операцийы рæстæджы скуынæг кодтой цыппар хæстоны, фехъусын кодтой æртыццæджы Националон антитеррористон комитеты.
"Оперативон штаб Дагестаны 5 марты æхсæвы контртеррористон операцийы рæстæджы скуынæг кодта цыппар фыдгæнæджы, уыдон фæнд кодтой сæххæст кæнын террористон акт Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады регионалон фæткдаруаты объектыл Каспийскы", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, тохы рæстæджы барадхъахъхъæнджыты æхсæн зианбаййафджытæ нæй, æмбæхсæн бынаты ссардæуыд гранотометтæ, хиарæзт бомбæтæ, гранатæтæ, автоматтæ, пистолет æмæ хæстæрмæджытæ.