ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр хайад райста Уго Чавесы цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы, фехъусын кодта республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
Мадзал ацыд Уго Чавесы уынгыл Мӕскуыйы.
"Хуссар Ирыстоны Ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр Венесуэлайы минӕвар Уӕрӕсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы ӕрхуындӕй хайад райста Команданте Уго Рафаэль Чавес Фриасы амӕлӕты 12-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
ФХМ бахахх кодтой, зӕгъгӕ, номарӕн мадзалы хайад райстой фӕсарӕйнаг бӕстӕты минӕвӕрттӕ, Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
Уго Чавесы скъуыддзагӕй Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2009 азы.