Транскам сӕхгӕдтой зӕйы ӕрцыды тыххӕй хуссарирыстойнаг фадыджы – УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль сӕхгӕдтой автотранспорты змӕлдӕн Ручъы тоннелы хуссайраг порталы зӕй кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Фӕндагон куыстыты рӕстӕджы арӕнӕвӕрдтӕ бакодтам автотранспорты змӕлдыл", - банысан кодтой министрады.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.