Бекъойты Азӕмӕт ауадздзӕн йӕ радон тох UFC-йы 4 майы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты ирон богал Бекъойты Азӕмӕт ауадздзӕн йӕ радон тох UFC Fight Night 258 турниры Де-Мойны (АИШ) 4 майы ӕхсӕвы.
Бекъойты Азӕмӕты (19-3) ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн америкӕйаг Райан Лодер. Йӕ карьерӕйы дӕргъы америкӕйаг спортсмен ауагъта аст тохы, уыдонӕй авды фӕуӕлахиз.
Ацы тох Бекъойты Азӕмӕтӕн уыдзӕн дыккаг UFC-йы. Йӕ фыццаг тохы ирон богал фыццаг раунды ӕмбис техникон нокаутӕй рамбылдта америкӕйаг Зак Ризы.