ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад цыппæрæмы рабадтыл аскъуыддзаг кодта снысан кæнын ног тарифтæ паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис" цы хъæууонхæдзарадон лæггæдтæ æххæст кæны, уыдонæн.
Экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт бахахх кодта, хъæууонхæдзарадон лæггæдты аргъ фæивтой, цæмæй республикæйы цæрджытæн ацы куыстытæ æххæст цæуой рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Министр бафтыдта, зæгъгæ, "Ирагропромсервис"-ы лæггæдты тарифтæ 11 проценты бæрц фæфылдæр сты, уымæн æмæ фæфылдæр сты æртагыл хæрдзтæ.
Хицауад фæстаг хатт фæивта "Ирагропромсервис"-ы хъæууонхæдзарадон лæггæдты тарифтæ 2021 азы.