Хуссар Иры хицауад материалон æххуыс бакæндзæн Дзауы районы йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уымæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта материалон æххуыс бакæнын Дзауы районы Схлебы хъӕуы цæрæгӕн, уымæн йæ мулк бахъыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн фарон аз 27 декабры.
Хицауад рахаста уынаффæ, цæмæй фæсауæрцон фондæй рахицæн кæной 100 мин сомы зианбаййафæгæн.
Хуссар Ирыстоны хицауад æдзух финансон æххуыс кæны æрдзон бæллæхтæй зианбаййафджытæн.