ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Фондз ирон дзюдоисты хайад райсдзысты "Большой шлем" серийы турниры. Ерыстӕ цӕудзысты 21-ӕй 23-ӕм марты онг.
Гӕджиты Алина тох кӕндзӕн ерысты майданыл 63 килограммы уӕзы категорийы, Таймӕзты Мӕдинӕ та – 70 килограммы уӕзы категорийы.
Дыууӕ ирон богалы рахиздзысты татамимӕ 100 килограммы уӕзы категорийы. Тасойты Инал ногӕй бафӕлвардзӕн рамбулын "Большой шлем"-ы турнир, фӕстаг хатт уый ссис ацы серийы уӕлахиздзау мӕйы размӕ Парижы. Мӕргъиты Ибрагим та фыццаг хатт архайдзӕн ахӕм ӕмвӕзады турниры.
Ирыстоны ноджы иу минӕвар ацы ерысты уыдзӕн Теодорос Целидис 90 килограммы уӕзы категорийы, ӕхсӕнадӕмон аренӕйы уый хъахъхъӕны Грецийы спортивон кад.