ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik. Гуфта-Къуайса фæндаг бакодтой транспорты змæлдæн, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Республикон трассæйы сæхгæдтой фæндагон змæлд хуыцаубоны цъыфы зæйы тыххæй.
"Фæндагон службæтæ ссыгъдæг кодтой трассæ цъыфы зæйы фæстиуджытæй. Ныртæккæ фæндаг у гом", - загътой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, цысыл цъыфы зæйтæ ныр дæр æрцæуынц, фæлæ сæ æвæстиатæй ссыгъдæг кæнынц.