Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой 12 цӕрӕн пункты Курскы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ егъау размӕбырсты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой 12 цӕрӕн пункты Курскы областы, фехъусын кодта дыццӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Ӕфсӕдты къорд "Цӕгат"-ы дӕлхайӕдты размӕбырстон архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн ссӕрибар кодтой кодтой 12 цӕрӕн пункты, Агроном, Богдановка, Бондаревка, Дмитрюков, Зазулевка, Ивашковский, Колмаков, Кубаткин, Мартыновка, Михайловка, Правда, Южный ӕсӕ Курскы областы территорийы 100 квадратон метрӕй фылдӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, иу суткӕмӕ Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ кӕй фесӕфтой 270 ӕфсӕддоны бӕрц, дыууӕ танчы, пехотӕйы цыппар хӕстон хӕдтулгӕйы, ӕртӕ бронетранспортеры, аст бронемашинӕйы, 20 хӕдтулгӕйы, дыууӕ америкӕйаг САУ Paladin, быдырон артиллерийы хӕцӕнгарз, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты фӕткдаруаты 11 пункты ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты дыууӕ ӕфтауцы.