Ирон спортсмен рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон богал Габеты Артур рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн Суздалы.
Габеты Артур рамбылдта сыгъзӕрин майдан 110 килограммы уӕзы категорийы. Финалы Артур рамбылдта Кирилk Харламовы (Ярославы область) 12:3 хыгъдӕй.
Аннӕ ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ ахӕм ӕнтыстджын архайд не скодтой, уыдон фембылдысты ерысты развӕлгъау стадийыл.