Хуссар Иры зынгфæдисонтæ иу суткæмæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы æртæ зынгсирвæзты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 марта – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) фехъусын кодта, иу суткæмæ кæй ахуыссын кодтой хус кæрдæджы æртæ зынгсирвæзты.
Дыццæджы Цхинвалы районы Ног хъæуы æрцыд зынгсирвæзт хисæрмагонд хæдзары кæрты. Министрады фыццаг зынгсирвæзтон-ирвæзынгæнæн хайады кусджытæ æвæстиатæй ахуыссын кодтой арт.
Хус кæрдæджы ноджы дыууæ зынгсирвæзты æрцыдысты Цхинвалы кæрон дыццæг æмæ æртыццæджы. Арт хуыссын кæнынмæ æрбаздахтой уагдоны фыццаг зынгсирвæзтон-ирвæзынгæнæн хайады къорд.
Уагдон æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй æххæст кæной зынгсирвæзты æдасдзинады фæтктæ æмæ хъавгæ ахаст дарой æрдзмæ.
Хуссар Иры зынгфæдисонтæ иу суткæмæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы æртæ зынгсирвæзты