Цхинвалы цæрæг амард Остъаты уынгыл сабидонмæ куы хъавыд бабырын, уæд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Цхинвалы 29-аздзыд нæлгоймаг сабидоны бæстыхаймæ куы хъавыд бабырын, уæд рахаудта æмæ амард, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Министрады радгæсон хайадмæ знон изæр æрбацыд хъусинаг, æбæрæг гоймаг Остъаты уынгыл сабидонмæ бабырын куы фæнд кодта, уæд кæй рахауд дыккаг уæладзыгæй æмæ амард", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, МХМ æмæ Генпрокуратурæйы фæдагуырдон-оперативон къордтæ цауы бынаты кæй сбæрæг кодтой фæмардуæвæвджы гоймагад – уый уыд Цхинвалы 29-аздзыд цæрæг.