Хуссар Иры теннисисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ЦКФЗ фыццагады Ставрополы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ ӕнтыстджын архайд скодтой уӕлыстъол теннисӕй ерысты 16 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн Ставрополы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) фыццагады хайад исынц авд командӕйы: Ставрополы край, Дагестан, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат Ирыстон, Запорожаг область, Херсоны область ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ.
Хуссарирыстойнаг спортсментӕ архайдтой Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды. Йе сконды сӕхи хорз равдыстой Къуылыхты Зӕринӕ, Лалыты Аза ӕмӕ Габуты Илона, уыдон бацахстой ӕртыккаг бынат командон хыгъды.
Афтӕ ма Балдан Дашиев ӕмӕ Ролан Кулешов ацыдысты цыппӕрӕм бынатыл, Дашиев ма дыккаг финалы бацахста дыккаг бынат.
Ӕрыгон спортсменты ерыстӕм цӕттӕ кӕнынц Остъаты Лидия ӕмӕ Джиоты Мириан.