ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы коллективӕн 31 азы сӕххӕсты цытӕн ӕмӕ банысан кодта телеканалы ахсджиаг бынат адӕм ӕрбаиу кӕнын ӕмӕ ирон ӕвзаг раразмӕ кӕныны хъуыддаджы.
"Сымах иу кӕнут адӕмы ӕмӕ размӕ кӕнут ирон ӕвзаг", - бахахх кодта Гаглойты Алан ӕмӕ банысан кодта ПТРК "Ир"-ы программӕты актуалондзинад.
Президент юбилейы цытӕн балӕвар кодта телеканалы кусджытӕн дыууӕ камерӕйы, цӕмӕй фӕхуыздӕр уа телеуынынады гъӕд.