Цӕгат Иры байгом кодтой ӕппӕтсезонон курорт "Мамысон"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы экономикон райрӕзты министр Максим Решетников бабӕрӕг кодта ӕппӕтсезонон курорт "Мамысон" байгом кӕныны цытджын церемони.
Максим Решетников йӕ раныхасы бахахх кодта, "Мамысон"-ы бакондмӕ тынг зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.
Афтӕ ма уӕрӕсейаг министр бузныг загъта курорты арӕзтадыл чи куыста, ӕппӕт уыдонӕн.
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло банысан кодта, проекты реализацийы рӕстӕджы уыд бирӕ зындзинӕдтӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр среализаци кодтам.
"Бирӕ скептикты нӕ уырныдта, "Мамысон"-ы проект кӕй не среализаци кӕндзыстӕм", - загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕтсезонон курорт ӕрбаздахдзӕн бирӕнымӕӕц туристты республикӕмӕ.