ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы Экономикон райрӕзты министрады делегаци Максим Решетниковы сӕргълӕудӕй ӕрцыд кусӕгон балцы Хуссар Ирыстонмӕ.
Уӕрӕсейаг уазджытыл республикӕмӕ ӕрбацӕуӕны сӕмбӕлдысты премьер-министр Джуссойты Константин, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ президенты администрацийы разамонӕг Ӕлборты Алан.
Уӕрӕсейаг министр кусӕгон балцы фӕлгӕтты фӕнд кӕны бабӕрӕг кӕнын Инвестпрограммӕйы объекттӕ, афтӕ ма фембӕлын Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланимӕ ӕмӕ ӕрныхас кӕнын социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытыл.
Уӕрӕсейаг делегацийы сконды экономикон райрӕзты министрӕй дарддӕр ис йӕ хӕдивӕг Дмитрий Вольвач, экономикон райрӕзты министрады сӕрмагонд программӕтӕ ӕмӕ проектты фӕткдаруаты хистӕр Антон Мельник ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.