Путин арвыста ПД ратификацимæ уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты пенсион бадзырд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин арвыста Паддзахадон Думамæ ратификацийы нысанæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн бадзырд, кæцы скъуыддзаг кæны уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ сифтонг кæныны фаст.
Бадзырд, кæцы фидар æрцыд 17 сентябры 2024 азы, бæлвырд кæны пенси кæй нысан кæны, уыцы бæстæйы компетентон орган, кæцыйы тыгъдады кусæг æрвыст æрцыд пенсимæ.
Бадзырды финансон-экономикон бындурмæ гæсгæ, йæ реализацийæн бахъæудзæн федералон бюджетæй 22,3 милуан сом рахицæн кæнын ацы аз æмæ 24,9 милуан та 2026 азы.
РХИ ӕмӕ Уӕрӕсе бафыстой бадзырд ӔӔФ ӕмӕ тӕрхондоны приставты пенсион ифтонгады фӕдыл