ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ иу ӕхсӕвмӕ ӕрыппӕрстой 132 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны банысан кодтой, 54 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты скуынӕг кодтой Саратовы областы территорийы, 40 – Воронежы областы, 22 – Белгороды областы, фараст дроны – Ростовы областы, фӕйнӕ ӕртӕ – Курскы областы ӕмӕ Хъырымы, иу та – Липецкы областы.
Саратовы областы губернатор Роман Бусаргин бахахх кодта йӕ Telegram-каналы, областы кӕй уыд ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты иууыл егъаудӕр атакӕ. Уый фӕдыл ныппырх сты рудзгуытӕ Энегельсы клиникон рынчындоны, бахъыгдард сты хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ, дыууӕ сабидоны ӕмӕ скъола. Дронты атакӕйы фӕстиуӕгӕн цӕфтӕ райстой дыууӕ адӕймаджы, уыдонӕн бакодтой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ медицинон ӕххуыс.