ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистраци ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, уыдонӕй дыууӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы ӕрцахстой ӕртӕ адӕймаджы.
"Республикӕйы фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, уый фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы райстой буары цӕфтӕ ӕмӕ сӕ бакодтой рынчындонмӕ. Госпитализаци сӕ нӕ бахъуыд", - банысан кодтой министрады.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 281 фӕткхалды. Фондз шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.