ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсмен Уӕрдиаты Тунджай рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 18 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн Орелы.
Уӕрдиаты Тунджай ссис уӕлахиздзау 60 килограммы уӕзы категорийы. Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг финалмӕ фӕндагыл фидарӕй рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты 59:6 иумӕйаг хыгъдӕй. Сыгъзӕрин майданыл тохы Тунджай 10:0 хыгъдӕй фӕуӕлахиз дагестайнаг Абдулла Делекоевыл.
Ирыстоны ноджы иу минӕвар Дзукъаты Давид рамбылдта бронзӕйон майдан 65 килограммы уӕзы категорийы. Ӕртыккаг бынатыл тохы уый рамбылдта Кӕсӕг-Балхъары минӕвар Темирлан Битовы 5:3 хыгъдӕй.