ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕ цӕттӕ кӕнынц командон-штабон ахуыртӕм хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сабанты Иналы приказмӕ гӕсгӕ.
Ахуырты сӕйраг нысан у ӕфсады хӕстон цӕттӕдзинады комплексон басгӕрст.
"Ахуырты рӕстӕджы аргъ кӕнынц фӕткдаруаты органты ӕмӕ хӕстонты куысты эффективондзинадӕн. Сӕйраг хъусдард здӕхт цӕуы хӕстон уавӕрты тренировкӕтӕн ӕмӕ дӕлхайӕдты ӕхсӕн ӕмархайд ӕрнывыл кӕнынӕн", - банысан кодтой министрады.
Мадзӕлтты рӕстӕджы ма фӕлварынц бастдзинад ӕмӕ фӕткдаруаты системӕтӕ.