ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны АИ-92 маркæйы бензины аргъ фæкъаддæр ис 60-йæ 57 сомы онг иу литрæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бензины аргъ фæкъаддæр ис, уымæн æмæ фæкъаддæр æртаг æлхæныны аргъ дæр. Скъуыддзаг райстæуыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фæдзæхсты фæлгæтты æртаджы æргъты иудадзыг мониторингы фæдыл.
"Æртаг æлхæныны аргъ фæкъаддæр ис, æмæ мах оперативонæй сархайдтам, цæмæй æрнымæг кæнæм уаргъæвæрд æмбæстæгыл æмæ иумæйагæй экономикæйыл", - бахахх кодта Хъотайты Сæрмæт.
АИ-92 маркæйы бензины ног аргъ æппæт фæлхасгæнджытæн йæ тыхы бахиздзæн 27 мартæй, паддзахадон органтæ, уагдæттæ æмæ куыстуæттæн та – 1 апрелæй.