Хуссар Иры ФХМ райдыдта исын Уæрæсейы университеттæм абитуриентты документтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ) райдыдта исын документтæ 2025 азы МГИМО æмæ Дипломатон академимæ бацæуын кæй фæнды, уыцы æмбæстæгтæй.
Министрады банысан кодтой, документтæ ист кæй цæуынц кусгæ бонты 15.00-æй 17.00 сахаты онг. Афтæ ма сæ бадæттын гæнæн ис Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны минæварадмæ.
Афтæ ма уагдоны бахахх кодтой, МГИМО-мæ документтæ бадæттын кæй ис гæнæн 21 апрелы онг, Дипломатон академимæ та – 12 майы онг.
МГИМО ацы аз рахицæн кодта аст бынаты бакалавриаты программæтæм, æртæ бынаты магистратурæмæ æмæ дыууæ бынаты та аспирантурæйы программæтæм.