Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг СӔО-йы хайадисӕг Бестауты Азӕмӕтӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цытджын цремонийы рӕстӕджы бакодтой мемориалон фӕйнӕг 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы хӕстон Бестауты Азӕмӕтӕн, уый фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы.
Номарӕн мадзалы хайад райстой зынгхуыст хъайтары хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмгӕрттӕ, 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ Цхинвалы хуымӕтӕг цӕрджытӕ.
"Ацы мадзал здӕхт у СӔО-йы хуссарирыстойнаг зынгхуыст хӕстонты ном сӕнусон кӕнынмӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕры хъхомыладмӕ, цӕмӕй уыдон сӕрыстыр уой Бестауты Азӕмӕт ӕмӕ ӕндӕр зынгхуыст хъайтарты сгуытдзинӕдтӕй", - бахахх кодта 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕгӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, гвардийы булкъон Раджаб Алиев.
Бестауты Азӕмӕт хайад иста СӔО-йы фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ. Ӕхсардзинад равдисыны тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Суворовы майданӕй.
Азӕмӕт йӕ цардӕй ахицӕн 2024 азы 25 ноябры Запорожаг здӕхты тохты рӕстӕджы. Цыд йыл 28 азы, ӕнӕ фыдӕй баззад 3-аздзыд чызг.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй Бестауты Азӕмӕты мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.