ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ аиуварс кодтой сыгъзӕринӕй дзаумӕттӕ ӕнӕзакъонӕй ӕлхӕныны фӕдыл архайд, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-сулжбӕ.
Оперативон мадзӕлтты рӕстӕджы бӕрӕг ӕрцыд, Цхинвалы 35-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг ӕнӕзакъонӕй кӕй ӕлхӕдта сыгъзӕринӕй конд дзаумӕттӕ.
Барадхъахъхъӕнджыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сылгоймаг балхӕдта сыгъзӕрин къухдарӕн Цхинвалы 17-аздзыд цӕрӕгӕй, уый фӕстӕ къухдарӕн разынд давд.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад уадзы басгӕрст ацы хъуыддаджы фӕдыл.