ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цæрджытæ æмæ Цхинвалы районы къорд хъæуы рæстæгмæ баззайдзысты æнæ электроифтонгадæй цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik-æн паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Куыстуаты банысан кодтой, электроифтонгад кæй нæ уыдзæн цыппæрæмы 11.00 сахатæй 13.00 сахаты онг.
"Дæлстанцы нывæстон цалцæггæн куыстыты тыххæй æнæ рухсæй баззайдзысты Знауыры район, Цхинвалы районы хъæутæ Сатихъар, Дменис, Хелчуа, афтæ ма Цхинвалы Мæскуыйаг микрорайон дæр", - бахахх кодтой Энергоресурсы.
Техникон мадзæлтты фæстæ электроифтонгад æххæст бæрцæй сцалцæг кæндзысты.