Новости

Sputnik
Курскы областы арӕнгӕрон районтӕ украинӕйаг хӕстонтӕй сӕрибар кӕныны рӕстӕджы фӕмард Уӕрӕсейы Хъайтар, майор Тыбылты Марат. Уый тыххӕй майрӕмбоны фехъусын кодтой Росгвардийы.
Тыбылты Марат фронты уыд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фыццаг бонӕй. 2022 азы йӕ снысан кодтой Хъӕбатырдзинады дыууӕ орденӕй.
Милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы 48 æмæ 55-аздзыд цæрджыты наркотиктæй пайда кæныны тыххæй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уæрæсейаг хæстонтæ ссæрибар кодтой Гоголевка Курскы областы, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад.
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ марты райдайæны ацыдысты егъау размæбырсты Курскы областы æмæ 8-æй 14-æм мартмæ ссæрибар кодтой 30-æй фылдæр цæрæн пункты, сæ нымæцы горæт Суджа.
Курскы областы арæнгæрон районты хæстон архæйдтыты рæстæджы знаг æдæппæт фесæфта 70 мин æфсæддоны бæрц æмæ 402 танчы.