ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕхсӕвы скуынӕг кодтой 78 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы регионты, фехъусын кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады.
"Ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 78 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты: 32 – Воронежы областы территорийы, 19 дроны ӕрыппӕрстой Саратовы областы, 17 – Курскы областы, 6 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды областы, дыууӕ – Липецкы областы ӕмӕ фӕйнӕ иу дроны та Ростовы ӕмӕ Тамбовы областты", - дзырдӕуы хъусинаджы.