Зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Сымах хъусут радио Спутник эФэМ-мӕ. Студийы Дыгъуызты Уырызмӕг, республикон ӕмӕ регионалон ног хабӕрттыл афӕлгӕстимӕ. Уӕ бон хорз!
Нӕ рауагъды:
1. Гаглойты Алан ссардта Абхазы хъахъхъæнджытæ æмæ Хуссар Ирыстонæй бархионты рухс нæмттæ
2. УФ бакæндзысты уголовон æфхæрд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртытæй хынджылæг кæныны тыххæй
3. Цхинвалы ссардтой тобӕгонд электронон тамакотӕ
Ныр та ацы æмæ æндæр хабæрттыл бæстондæрæй:
1 Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алане дидинтæ сæвæрдта Абхазы хъахъхъæнджытæ æмæ Хуссар Ирыстонæй бархионтæ Сиукъаты Джемал, Кокойты-Петров Роберт æмæ Мæргъиты Ацæмæзы мемориалон комплексмæ.
Абхазы фыдыбæстæйон хæсты цырт ис Гаграйы районы Псахарайы хъæуы.
Гаглойты Алан дыццæджы æрцыд Абхазмæ, цæмæй хайад райса Абхазы президент Бадра Гунбайы инаугурацийы.
2 Уæрæсейы хицауады закъоны проектон архайды фæдыл къамис хорзыл банымадта юстицийы министрады хъæппæрис, цæмæй уголовон бæрндзинад бакæной Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртытæй хынджылæг кæныны тыххæй, фехъусын кодта РБК.
"Парламент ацы закъон куы райса, уæд æфхæрд уыдзæн – ивар 3 милуан сомы онг, кæнæ тыхыбын куыстытæ 3 азы онг, кæнæ та ахæст 3 азы онг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Закъоны проект бацæттæ кодта юстицийы министрад президент Владимир Путины фæдзæхстмæ гæсгæ.
3 Экономикон фыдракӕндтимӕ тохы фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дуканитӕй иуы электрон тамакотӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Фӕткхалӕджы фӕдыл сарӕзтой административон ӕрмӕджытӕ", - банысан кодтой министрады.
Басгӕрсты фӕстӕ ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ барвитдзысты горӕты тӕрхондонмӕ, бафтыдтой уагдоны.
Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цхинвалы 2 апрелы рауардзæн чысыл къæвда, температурӕ 15 градусы хъарм. Æхсæвы дæр уардзæн къæвда, температурæ… 8 градусы хъарм. Дзæуджыхъæуы бонæй уыдзæн ирд боныгъæд, температурæ 20 градусы хъарм, æхсæвы рауардзæн чысыл къæвда, температурæ 10 градусы хъарм.
Зынаргъ ӕмбӕлттӕ, ахӕм уыдысты радио Sputnik информацион службæйы бацæттæгонд æрмæджытæ ацы сахатмӕ. Ӕз та уал уын зӕгъын хӕрзбон нæ радон фембæлдмæ 106,3 FM-ыл!!!