ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Венгрийы хицауад аскъуыддзаг кодта рахизын Ӕхсӕнадӕмон уголовон тӕрхондонӕй, фехъусын кодта Венгрийы премьер-министры администрацийы разамонӕг Гергей Гуйяш, хъусын кӕны РИА Новости.
"Хицауад аскъуыддзаг кодта рахизын Ӕхсӕнадӕмон уголовон тӕрхондонӕй. Рахизыны процедурӕ Конституци ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон-барадон арӕнтӕм гӕсгӕ райдайдзӕн цыппӕрӕмы", - хъусын кӕны Гуйяшы ныхӕстӕ РИА Новости.
Ацы скъуыддзаг фехъусын кодтой, Венгримӕ Израилы премьер-министр Биньямин Нитаньяху цы бон ӕрцыд, уӕд. Ӕхсӕнадӕмон уголовон тӕрхондон радта ордер Биньямин Нитаньяхуйы ӕрцахсыны фӕдыл Сектор Газайы ӕфсӕддон фыдракӕндты тыххӕй. Венгрийы премьер-министры администрацийы разамонӕг Гергей Гуйяш фехъусын кодта, Венгри кӕй не сратификаци кодта Ӕхсӕнадӕмон уголовон тӕрхондоны статут, уый фӕдыл Израилы премьер-министрӕн йӕ бон у ӕдасӕй ӕрцӕуын бӕстӕмӕ.