РХИ Фӕллойады министрад ныммыхуыр кодта майы бӕрӕгбонты улӕфт бонты график

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм 2025 азы майы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ бӕрӕгбонон датӕты тыххӕй, хъусын кӕны РХИ Фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.

"Къӕлиндармӕ гӕсгӕ улӕфт бонтӕ уыдзысты: 1 май (цыппӕрӕм) – Уалдзӕг ӕмӕ Фӕллойады бӕрӕгбон; 9-ӕй 11-ӕм маймӕ (майрӕмбонӕй хуыцаубонмӕ) - Уӕлахизы бон; 29 майӕ 1 июньмӕ (цыппӕрӕмӕй хуыцаубонмӕ) – Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны бон", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы цӕрджытӕн ныр фадат ис развӕгъау ахъуыды кӕнын майы улӕфт ӕмӕ балцыты нывӕстыл.