"Хъырым у дыккаг Сталинград": 1944 азы райдыдта хъырымаг размæбырстон операци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik. "Хъырым у дыккаг Сталинград" - дзырдта Гитлер æмæ приказ радта немыцаг æфсæдтæн, цæмæй æрдæгсакъадах мацæй тыххæй радтой Советон æфсæдтæн.
Хъырым фæнд кодта хъахъхъæнын 17-æм немыйаг æфсад, йе сконды уыдысты румынаг дæлхæйттæ. Нацистты иумæйаг нымæц уыд 200 мин адæймаджы. 1944 азы 8 апрелы райдыдта хъырымаг размæбырстон операци. Советон æфсад 15-16 апрелы рахызт Севастопольмæ, 9 майы та ссæрибар кодта горæт. 12 майы Советон æфсад ныддæрæн кодта оккупантты æппæт тыхтæ Хъырымы.