Конституци у Хуссар Иры дарддӕры рӕзты фидар бындур - Гаглойты Алан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституци у паддзахаддзинады ахсджиаг атрибут, ӕххӕст кӕны нӕ паддзахады демократион принциптӕ, ӕмбӕстӕгты политикон ӕмӕ экономикон бартӕ, дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы телы Конституцийы Боны цытӕн.
Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы 23 азы размӕ ӕрцыд нысаниуӕгджын цау – ӕппӕтадӕмон хъӕлӕскӕнынады руаджы ист ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституци.
"Конституци ист ӕрцыд уӕззау периоды. Сӕйраг Законы райсты руаджы Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ сӕххӕст кодтой ӕнусон бӕллиц – цӕрын хӕдбар паддзахады, цы ран уӕлдӕр хӕзна у адӕймаг, йӕ бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад. Конституци хъахъхъӕны нӕ бартӕ, бӕрӕг кӕны паддзахады хӕстӕ ӕмбӕстӕгты раз ӕмӕ у республикӕйы дарддӕры рӕзты бындур", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Гаглойты Алан бахахх кодта, Конституци кӕй сбӕрӕг кодта дырыс фӕтктӕ паддзахады эффективон куыстӕн.