ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой автотранспорты змӕлдӕн цыппӕрӕмы 8.00 сахатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Транскам сӕхгӕдтой знон изӕр трассӕйыл ӕдас ацӕуӕн сӕххӕст кӕныны фадат кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль 10 апрелы 08.00 сахатӕй кусы штатон режимы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.