Транскам сæхгæдтой дурты æркалд æмæ цъыфы зæйты æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль сæхгæдтой автотранспорты змæлдæн цыппæрæмы 12.00 сахатæй дурты æркалд æмæ цъыфы зæйты æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Транскавказаг автомагистраль 10 апрелы 12.00 сахатæй сæрмагонд барамынды онг æхгæд у дурты æркалд æмæ зæйты æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй", - банысан кодтой уагдоны.
Фæстаг рæстæджы дурты æркалд æмæ цъыфы зæйты æрцыды аххосæй цалдæр хатты сæхгæдтой трассæ.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.