Уӕрӕсейы ӕфсад ссӕрибар кодта Журавка Сумыйы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Цӕгат"-ы дӕлхайӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Журавка Сумыйы областы, фехъусын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.
"Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Цӕгат"-ы дӕлхайӕдтӕ размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Журавка Сумыйы областы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты механизацигонд, танкон, ӕртӕ десантон-штурмон бригадӕ ӕмӕ территориалон хъахъхъӕнынады бригадӕйы дӕлхайӕдты Горналь ӕмӕ Олешняйы районты Курскы областы.