УУМ сӕргълӕууӕг радзырдта президентӕн уагдоны кусджыты пенсион ифтонгадыл куысты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) арвыста Мӕскуымӕ уагдоны кусджыты пенсион ифтонгады фӕдыл документтӕ, радзырдта республикӕйы президент Гаглойты Аланӕн министрады разамонӕг Гассеты Ибрагим, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Паддзахадон думӕ фӕнд кӕны бахӕссын ивындзинӕдтӕ федералон закъонмӕ, уырдӕм хаст ӕрцӕудзӕн Хуссар Иры УУМ дӕр.
"Ӕмбӕлон документтӕ мах уый размӕ арвыстам Мӕскуымӕ, уыдон сты Уӕрӕсейы хицауады. Министрады ӕфсӕддонтӕн пенсийы ацӕуыны фадат ис хъахъхъӕнынады министрады уылты, ныр та куыст цӕуы уагдоны аннӕ дӕлхӕйттӕ ӕмӕ категориты пенсион ифтонгадыл", - загъта Гассеты Ибрагим.
Гаглойты Алан бахӕс кодта активизаци скӕнын куыст ацы здӕхты ӕмӕ бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у алыгъуызон службӕты ӕхсӕн координаци фӕхуыздӕр кӕнын.