ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Мæскуыйаг микрорайоны цæгаттаг хайы, цы ран фæстаг азты дæргъы сарæзтой ног хæдзæрттæ, фæхуыздæр кæндзысты цæрыны уавæртæ: хæдзæрттæ сифтонг кæндзысты электроэнергийæ æмæ фæхуыздæр кæндзысты фæндæгтæ. Ацы фарстытыл дзырд цыд президент Гаглойты Алан æмæ микрорайоны ацы хайы цæрджыты фембæлды рæстæджы.
Паддзахады сæргълæууæг майрæмбоны президенты администрацийы минæвæрттæ æмæ хицауады уæнгтимæ фембæлд микрорайоны цæрджытимæ, уыдон уый размæ барвыстой фыстæг президентмæ рухсы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.
Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ фехъусын кодтой, мæйы кæронмæ ног хæдзæрттæ кæй баиу кæндзысты электрохызæгтæм.
"Фыццаг нæ фæндыд сæвæрын уыдонæн хицæн транформаторон станц, фæлæ фæстæдæр аскъуыддзаг кодтам паддзахадон ансамбль "Симд"-ы бæстыхайы цур цы трансформаторон станц ис, уый фæивын гуырахстджындæрыл", - загъта сæудæджерад, энергетикæ æмæ транспорты комитеты сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз.
Афтæ ма Гаглойты Алан бахæс кодта бакусын фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны фарстыл.
"Хæдзæрттæ æнæмæнг хъæуы сифтонг кæнын электроэнергийæ, фæлæ ахсджиаг у, цæмæй хорз уавæры уа фæндаг дæр", - банысан кодта президент.
Ног хæдзæртты арæзтад Мæскуыйаг микрорайоны цæгаттаг хайы райдыдта æртæ азы размæ. Районы цæрджытæ сæ аразынц сæх тыхтæй.