Президент фембæлд хуссарирыстойнаг скъоладзаутимæ сæ балцы размæ Армавирмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Ленингоры районы скъоладзауты къордимæ, уыдон цæуынц Армавирмæ "Форум будущих студентов АГПУ"-ы хайад райсынмæ, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Балц сорганизаци кодтой Армавиры паддзахадон педагогон университет æмæ Ленингоры районы ахуырады фæткдаруаты æхсæн æмгуыстады бадзырды фæлгæтты. Президенты администраци радта транспорт сывæллæтты балцæн Ленингоры районы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар парти "Ныхас"-ы регионалон хайадмæ куы бадзырдта, уый фæстæ.
"Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары 16 хъомылгæнинаджы, афтæ ма Ленингоры районы скъолаты ахуырдзаутæ хайад райсдзысты Армавиры паддзахадон педагогон университеты форумы", - фехъусын кодта балцы инициатор, Армавиры университеты гом ахуырады Центры директор Сергей Багринцев.
Армавиры хуссарирыстойнаг скъоладзаутæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ.